Тарас Григорийы фырт Шевченко | |
---|---|
укр. Тарас Григорович Шевченко | |
Гуырæн ном | уырыс. Тарас Григорьев сын Шевченко |
Райгуырды датæ | 1814-æм азы 9 мартъийы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1861-æм азы 10 мартъийы (47 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | нывгæнæг, поэт, антрополог, аивæдты архайæг, фыссæг, драматург, этнограф, прозаик, философ |
Сфæлдыстады азтæ | 1832 — |
Уацмысты æвзаг | украинаг, уырыссаг |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Шевченко, Григорийы (Григоры) фырт Тарас (укр. Тарас Григорович Шевченко; райгуырдис 1814-æм азы 9 мартъийы — амардис 1861-æм азы 10 мартъийы Бетъырбухы) уыдис зындгонд украинаг фыссæг, поэт æмæ нывгæнæг.
- Æз куы амæлон, уæд-иу мæ
- Бавæрут нæ зæххы,—
- Мадау уарзон Украины,
- Быдыры уæрæхы.
- Хуымтæ мæм куыд зыной дардыл,
- Днепыр та æд къардиу;
- Уымæн ингæнмæ куыд хъусон
- Йе ’мбу æмæ ’нкъард ниуд.
- Æз куыд уынон,— Украинæй
- Денджызмæ куыд ласдзæн
- Уый ызнаджы туг... Мæрдтæй дæр
- Уæд мæ сонт уд растдзæн.
- Атæхдзæн нæ зæххæй арвмæ
- Кувынмæ хуындзауæй...
- Гъе, уæдмæ та æз нæ кæнын
- Зонгæ дæр хуыцауы.
- Бавæрут мæ æмæ растут,
- Рæхыстæ ныссæттут,
- Не знагæн йæ хæрам тугæй
- Уаз сæрибар цæхсут.
Нафийы тæлмацы йеддæмæ ис ма Нигеры тæлмац (рухс федта «Рæтсдзинад» æмæ «Мах дуджы» 1939-æм азы), Дарчиты Дауыты тæлмац (Шевченко Т. Æвзæрст æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ. Сталинир, 1939), Гафезы тæлмац (Фидиуæг, 1961), Хъайтыхъты Георы тæлмац (Рæстдзинад æмæ Мах дуг, 1961) æмæ Плиты Ильяйы тæлмац (Шевченко Т. «Заповіт» мовами народів світу, 1964).